А. С. Пушкин читает Анжела Хубецова - Письмо Татьяны к Онегину на осетинском языке

музыка на стих письмо татьяны к онегину

Рейтинг: 0

Исполнитель: А. С. Пушкин (читает Анжела Хубецова)

Произведение: Письмо Татьяны к Онегину (на осетинском языке)

Длина: 02:47

Дата добавления: 2015-04-09

Текст просмотрен: 625

Скачать
Другие песни исполнителя А. С. Пушкин (читает Анжела Хубецова)
Текст песни:

Перевод Нафи Джусойты

Фыссын... Мæ худинаг æмбарын...
Цы ма у ’ндæр мæ бон зæгъын?
Мæгуыр мæ бон у,— ныр дæ бар y
Мæныл былысчъилтæ кæнын.
Уæддæр дæуыл мæ зæрдæ дарын:
Кæд дæм чысыл тæригъæд ис,
Уæд ме ’намондыл ма кæ дис.
Фыццаг мæ худинаг æмбæхсын
Мæ зæрды уыд æмæ йæ ды
Бæргæ куы зыдтаис, мæ тых
Куы суыдаид æмыр утæхсæн,
Къуыри дæ иунæг хатт æрмæст
Уæд та куы уыдтаид мæ цæст;
Цæмæй дын хъуыстаин дæ ныхас,
Æз дæр-иу баппæрстаин дзырд,
Ыстæй-иу адæргæй зыр-зыр
Мæгуыр чызг кодтаид къæрныхау.
Фæлæ ды та, зæгъынц, æмбæхст лæг,
Æнæввæрсон фæдæ кæмдæр.
Дæ аккаг не стæм мах... Нæ дæр...
Нæ дæр дæм бахъардзæн мæ лæгъстæ.
Цы дæ ’рхаста нæ хъæумæ, цы?
Æз дæ нæ зыдтаин; нæ хъæуид
Мæн ацы сау мастыл хъæцын,
Дæуæн мæ сæр хæссын фæхъхъауæн.
Хуыцауæй рох хъæуы, нæ хъæуы,
Мæнæн куы ’рцыдаид мæ рад,
Уæд искуы разындаид къайаг,
Нæ уыдаин мæ лæджы сайаг,
Уыдаин сабиты нымд мад.
Æндæр!.. О, нæ! Æлгъыст зындоны
Фæлтау ныппæрстаин мæ уд!
Дæу дæн! — Нæ хуыцауы фæндонæй
Мæ сæр, мæ сонт зæрдæ дæу у.
Дæумæ хæрзæбонау æнхъæлмæ
Мæ уд цæрæнбонты фæкаст.
Ныр мæм мæ карз хъысмæт фæфæлмæн —
Дæу мын ысхай кодта æваст.
Дæуыл фыныгъдауæй узæлыд
Мæ зæрдæ, фыны дæ зыдтон,
Дæ буц цæстæнгас-иу уыдтон,
Дæ хъæлæс-иу мæ хъусты зæлыд...
Уый раджы уыд, фæлæ æцæг!
Куыддæр æрбахызтæ, уайтагъддæр
Дæу базыдтон, мæхицæн загътон:
Æрцыдис! Уый у, уый — мæ лæг!

Возможно, вам понравятся также:
Видео
Письмо Татьяны Онегину - Евгений Онегин (А.С. Пушкин)
Комментарии (0)
Добавить комментарий



Каптча: